«Фыдыбæстæ, æвзаг, æгъдау æмæ фарн. Худинаджы бæсты - мæлæт!» Ю.С. Гаглойти

Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон университет
Юго-осетинский государственный университет им. А.А. Тибилова
South Ossetian State University named after A.A. Tibilov

1 Апреля 2016

Хетæгкаты Къостайы амæлæты бонæй рацыд 110 азы

Хетæгкаты Къостайы амæлæты бонæй рацыд 110 азы 1 апрелы 1906 азы йæ зæххон цардæй ахицæн поэт, прозаик, публицист, нывгæнæг, ирон литературæйы бындурæвæрæг Хетæгкаты Къоста…фæлæ йæ ном рох нæу.

Къоста ирон адæмæн ныууагътæ хорз фæд. Æмæ абон дæр немæ ис…

Къоста! Ацы номимæ баст сты ирон адæймаджы æппæты рæсугъддæр бæллицтæ, йæ сæрыстырдзинад. Цас æмæ цас хъуыдытæ равзæры ацы ном фехъусгæйæ адæймагмæ! «Ирон адæмы сæуæхсид», «нæ цæугæ мæсыг», «нæ культурæйы астæуккаг цæджындз», - фыр буцæй фæхонынц ирон адæм сæ цытджындæр поэт æмæ уарзондæр хъæбул Хетæгкаты Къостайы.

Къоста уыд æмæ уыдзæн Ирыстоны кадджындæр фырттæй иу. Уымæн æмæ цард æмæ тох кодта йæ дзыллæйы сæраппонд, йæ зæрдæ куыста адæмæн.

Къоста у Ирыстоны ном æмæ кад, йæ зонд æмæ уд, йе ‘ хсар æмæ уæздандзинад. Къоста цæры æмæ цæрдзæн йæ адæмы зæрдæты, зонды æмæ хъуыдыты. Ахæм адæймагæн мæлæт нæй. Къостайы  ном цæрдзæн æнусты. Рæстдзинады тырысайы бын нæ хондзæн размæ, Ирыстонæн лæггад кæнынмæ.

Ирон фысджытæй иу дæр ахæм нæй, Хетæджы-фырты номыл аивадон уацмыс чи нæ ныффыста. Ирон поэттæ æмæ композитортæ йыл ныффыстой зарджытæ.

Хетæгкаты Къостайы цард æмæ сфæлдыстады фæдыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты бакæсынц лекцитæ, ауадзынц алыгъуызон мадзæлттæ, хуыздæр студенттæн йæ номыл лæвæрд цæуы стипенди, уæвынад дзы кæны ирон филологи æмæ ПМНО-ы факультеты фæлгæтты къорд йæ номыл.

Ирон адæймаг цалынмæ цæра, уæдмæ Къостайæн рохгæнæн нæй!

Дриаты Лейлæ
ХИПУ-ы журналистикæйы факультеты студенткæ
Короткая ссылка на новость: http://www.xipu.ru/~6xRml